Хуссар Иры культурӕйы министр хайад райсдзӕн форумы Санкт-Петербурджы

Форум нымайынц дунейы ӕмвӕзады культурон цауыл, кӕцыйы ӕрвылаз хайад исынц культурӕйы фадыджы мингай эксперттӕ ӕппӕт дунейӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жанна хайад райсдзӕн VIII Ӕхсӕнадӕмон культурон форумы, кӕцы ацӕудзӕн Сантк-Петербурджы 14-16 ноябры, хъусын кӕны республикӕйы культурӕйы министрад.

Хуссар Ир хайад исы ӕхсӕнадон дипломатийы форумы

Форум нымайынц дунейы ӕмвӕзады культурон цауыл, кӕцыйы ӕрвылаз хайад исынц культурӕйы фадыджы мингай эксперттӕ ӕппӕт дунейӕ: театр, оперӕ ӕмӕ балеты стъалытӕ, номдзыд режиссертӕ ӕмӕ музыканттӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, хицауад ӕмӕ бизнесы минӕвӕрттӕ.

"Форумы кусӕгон программӕ цымыдис кӕны культурӕйы алыгъуызон фадгуыты специалистты. Фестивалон программӕйы ис бирӕнымӕц культурон мадзӕлттӕ Петербурджы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн. Кусӕгон фӕзуат та аразы уавӕртӕ проектты реализацийӕн ӕмӕ культурӕйы фадыджы бадзырдтӕ бафыссынӕн", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Мадзалы организатортӕ сты Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад, УФ культурӕйы министрад ӕмӕ Санкт-Петербурджы хицауад.