Цӕгат Иры Росгвардийы кусджытӕ скуынӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ

Зӕрдӕхсайгӕ голлаг ссардтой республикӕйы Горӕтгӕрон районы Сунжӕйы хъӕуы цӕрджытӕ, кӕцытӕ фӕдзырдтой сапертӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Росгвардийы кусджытӕ скуынӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ ссардтой республикӕйы Горӕтгӕрон районы Сунжӕйы хъӕуы, хъусын кӕны 15-Регион.

Порталы информацимӕ гӕсгӕ, зӕрдӕхсайгӕ голлаг ссардтой хъӕуы цӕрджытӕ. Цауы бынатмӕ уайтагъд ӕрбацыд инженерон къорд. Басгӕрсты фӕстӕ Росгвардийы кусджытӕ ссардтой голладжы танчы ныхмӕ гранатӕхсӕны ӕртӕ нӕмыджы.

Цӕгат Иры Росгвардийы кусджытӕ скуынӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ

Росгвардийы кусджытӕ сыдас кодтой территори ӕмӕ скуынӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ бынаты.