Ираны нывӕндынц бакӕнын ирон классик ӕмӕ драматург Хетӕгкаты Къостайы бюст уӕрӕсейаг-ирайнаг бадзырдты фӕлгӕтты. Ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕджы цырт сӕвӕрынӕн Ираны ис стыр нысаниуӕг , уымӕн ӕмӕ Ираны базондзысты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй, ирайнаг-уӕрӕсейаг ахастытӕ та сфидар уыдзысты, фехъусын кодта ХИПУ ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Инга.
"Хорз ма уаид, Къостайы "Ирон фӕндыр" дӕр куы базониккой Ираны, уымӕн ӕмӕ уым фыст ис ирон адӕмы трынындзинады тыххӕй сӕрибардзинадмӕ, хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ рухс цардмӕ. Къоста уыд дунейы поэт ӕмӕ йӕ хъуамӕ зоной ӕндӕр нациты адӕм дӕр", - банысан кодта Тыбылты Инга.