ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Битеты Павелы номыл Цхинвалы дыккæгæм музыкалон скъолайы коллектив ныр мæймæ æввахс сты уынджы. Скъолайы аварион бæстыхайы цар æркалд октябры кæрон, фыдбылызы рæстæджы сывæллæттæ æмæ коллектив уым нал уыдысты.
Бæстыхайыл цæуы 70 азы, уым хицæн рæстæджыты уæвынад кодта профтехахуыргæнæндон, тыллæгисæн цех, сабидон.
Скъолайы разамынад хаты, цæмæй сын рахицæн кæной сывæллæтты поликлиникæйы расæрибаргонд бæстыхай, кæцыйы цалдæр хатæн ахсы цармы æмæ венерологийы диспансер.
"Ныййарджытæ домынц, цæмæй уадзæм ахуыртæ. Рæстæгмæ нын хатæнтæ рахицæн кодта музыкалон ахуыргæнæндон, нæ аннæ хай ис культурæйы хæдзары. Фæлæ нын бынæттæ нæ фаг кæнынц, фондз ахуыргæнæгæн бынат нæй кæм уадзой ахуыртæ. Ӕнхъæлмæ кæсæм хицауады уынаффæмæ, æнхъарæм, цæмæй нын радтой сывæллæтты поликлиникæ", - загъта Sputnik скъолайы директор Ӕлборты Диана.
Скъолайы ахуыр кæны 230 сывæллоны. Ахуырдзаутæ музыкæйыл цайдагъ кæнынц авд хаххыл: фортепиано, дыууадæстæнон, аккордеон, фæндыр, доули, вокал æмæ гитара.
Скъолайы рауагъдонты ʻхсæн сты зындгонд оперон зарæггæнæг Джиоты Вероника, музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг Гасситы Ацæмæз, Дудайты æфсмæртæ æмæ æндæртæ.
Бирæ æзты дæргъы коллектив æмæ скъолайы разамынад хицауады раз æвæрдта музыкалон скъолайы арæзтад æмæ цалцæджы фарст. 2017 азы аскъуыддзаг кодтой бæстыхайæн йæ агъуыст раивын. Куыстыты рæстæджы скодта æвзæр боныгъæдтæ, бæстыхай ноджы донласт фæцис.
"Уæд ыл бирæ дон фæцыд, æвæццæгæн, уый аххосæй æркалд йæ цар дæр. Нæ амондæн, æркалды рæстæджы скъолайы ничи уыд", - загъта директор.
Цхинвалы дыккæгæм музыкалон скъолйæн бындур æвæрд æрцыд 1981 азы. Уæд коллектив куысын райдыдта горæты фæндзæм скъолайы бæстыхайы, ахста ПТРК "Ир"-ы цалдæр уæладзыджы, цалынмæ 1995 азы не ʻрбынат кодта сæ ныры хæдзары, национ телеуынынады рахиз фарс бæстыхайы, уæдмæ.