Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой хӕдтулгӕйӕ адавыны тыххӕй

Зӕрдӕхсайгӕ басаст йӕ фыдракӕндыл ӕмӕ радта фӕстӕмӕ адавгӕ млук, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы 30-аздзыд цӕрӕджы хӕдтулгӕйӕ аккумулятор ӕмӕ автомагнитола адавыны тыххӕй, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕдтулгӕйы хицау сбӕрӕг кодта адавд ӕмӕ бадзырдта милицимӕ. Зианы суммӕ рауад фондз мин сомы.

"Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады уголовон фӕдагуырды кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн ӕрурӕдтой столицӕйы 30-аздзыд цӕрӕджы", - банысан кодта министрады минӕвар.

Нӕлгоймаг басаст йӕ фыдракӕндыл ӕмӕ радта фӕстӕмӕ адавгӕ мулк, бафтыдтой МХМ.