"Югоссельхознадзоры" сӕрдар экспорты уавӕртӕ ӕмӕ мидӕггагон базармӕ здӕхты тыххӕй

Мӕргъиты Алан радта рекомендаци хуссарирыстойнаг фермертӕн, цӕмӕй реализаци кӕной сӕ продукци фыццаджы бынӕттон базары
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фермертӕ республикӕйӕ дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ куы ласой, уӕд сын проблемӕтӕ нӕ уыдзӕн фитосанитарон сертификат саразынимӕ, загъта пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы Югоссельхознадзоры сӕрдар Мӕргъиты Алан.

Уӕрӕсейы территоримӕ сӕ продукци ласыны тыххӕй фермертӕ хъуамӕ райсой фитосанитарон сертификат.

"Фитосанитарон сертификаты бланктӕ ӕрӕмдзых кодтой уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ. Хъӕуы банысан кӕнын, арӕны сӕрты ахизыны рӕстӕджы фиддонтӕ кӕй нӕ фидынц", - загъта Мӕргъиты Алан.

Уый банысан кодта, уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы архайынц "Россельхознадзоры" минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ ӕмгуыстад кӕнынц хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ, ӕмӕ уый фӕдыл проблемӕтӕ хъуамӕ ма уа.

Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарады министрад ацы азы тыллӕг ӕмӕ техникӕйы цухдзинады тыххӕй

"Югоссельхознадзоры" сӕрдар радта рекомендаци хуссарирыстойнаг фермертӕн, цӕмӕй реализаци кӕной сӕ продукци фыццаджы бынӕттон базары.

"Хуыздӕр у реализаци кӕнын продукци мидӕггагон базары. Дыргътӕ ӕмӕ халсарты фылдӕр хай махмӕ ласынц фӕсарӕнтӕй. Ӕмӕ уый фӕдыл экспортӕй раздӕр хъӕуы хъуыды кӕнын нӕ республикӕйы домӕнтыл", - бахахх кодта Мӕргъиты Алан.

"Югоссельхознадзор" (раздӕр уыд Хъӕууон хӕдзарады министрады сконды) сарӕзтӕуыд 2017 азы октябры, Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта уагдоны разамонӕгӕй Мӕргъиты Аланы.