Стъалытӕ уыдзысты ӕввахсдӕр: Хуссар Иры бакодтой планетарий

Республикӕйы фыццаг планетарийы баконды хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, кӕцы алыг кодта сырх лентӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, ​21 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы бакодтой республикӕйы фыццаг планетарий. Уый у 20 адӕймагӕн. Планетарий сарӕзтой Хуссар Ирыстоны рӕзгӕ фӕлтӕры удон-фӕткон хъомылады программӕйы фӕлгӕтты 2017-2019 ӕзтӕм.

Изӕры Ногдзауты парчы ӕрӕмбырд сты столицӕйы цӕрджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ, кӕцытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты мадзалы райдайӕнмӕ.

Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта ахӕм объекты баконды ахсджиагдзинад.

"Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны къухдариуӕгады руаджы среализаци кодтам ахӕм диссаджы проект", - загъта министр.

Мадзалы хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий дӕр, кӕцы банысан кодта, планетарийы баконды руаджы сывӕллӕттӕ фылдӕр кӕй базондзысты стъалыты тыххӕй.

Фылдӕр мызд ӕмӕ хӕрдзты компенсаци: Хуссар Иры ахуырады министрад хъӕуты куысты тыххӕй

"Уырны мӕ, нӕ сывӕллӕттӕн ам кӕй уыдзӕн цымыдисон программӕ. Скъоладзаутӕ лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕндзысты стъалытӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Сырх лентӕ алыг кодтой республикӕйы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ президенты сӕргълӕудӕй. Официалон хай адарддӕр ис цымыдисон ӕмӕ ирд ралӕудӕй, кӕцы бацӕттӕ кодта Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны кусджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнинӕгтӕ.

Планетарийы баконд балхынцъ ис дискотекӕ ӕмӕ фейерверкӕй.

Планетарий саразыны фӕдыл хъӕппӕрис бахаста республикӕйы Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуан, ацы хъуыды хорзыл банымадта Ахуырады министрад дӕр.

Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуан ныридӕгӕн аразы программӕтӕ планетарийы куыстӕн. Алкӕцы скъолайы ахуыргӕнинагӕн дӕр уыдзӕн фадат бацӕуын ардӕм ӕмӕ рауӕрӕх кӕнын зонындзинӕдтӕ стъалыты тыххӕй.