Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Ныры дуджы бинонтæн иу машинæ фаг нал у, сæумæ райсом æмæ изæры – куыстмæ цæуын æмæ фæстæмæ здæхыны афон армыдзаг горæты пробкæтæй азмæлæн нал вæййы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры фæстаг æзты хæдтулгæты нымæц рæзы æнахуыр темптæй. Паддзахадон автоинспекцийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы регистрацигонд ʻрцыд 20 мин машинæйы, Автоскъола аз уадзы 300 рауагъдоны, столицæйы "тезгъо кæнынц" уæрæсейаг хæдтулгæтæ æмæ фæсарæйнаг люксон модельтæ, се ʻхсæн "Bentley", "Mercedes G500", "Мерседес G550" .

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Ныры дуджы бинонтæн иу машинæ фаг нал у, сæумæ райсом æмæ изæры – куыстмæ цæуын æмæ фæстæмæ здæхыны афон армыдзаг горæты пробкæтæй азмæлæн нал вæййы. 2015 азы сфысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Иры цæры 53 мин адæймаджы, ома зæгъæн ис, алкæцы дыккаг адæймагæн дæр ис хæдтулгæ.

Хæдтулгæты стыр нымæцмæ æнæкæсгæйæ æлхæнджытæ дæр нæ фæуд кæнынц. Республикæмæ рæстæгæй рæстæгмæ дард фæсарæнтæй æркалынц машинæты стыр гуырахст.

Хæдтулгæты базар

Хæдтулгæты уæй кæныны хъуыддаг Хуссар Иры рацыд цалдæр этапыл. 10-20 азы размæ ма Хуссар Иры фылдæр æлхæдтой машинæтæ зонгæты зонгæтæй, фæстæдæр ацы базар хизын райдыдта виртуалон тыгъдадмæ. Машинæтæ сæ къамтимæ, аргъ æмæ чысыл афыстимæ æвæрын райдыдтой социалон хызæгты – "Одноклассники", "Вконтакте", фæзынд "АвитоЦхинвал".

"Интернетон" машинæты æмрæнхъ фæстаг æртæ азы Цхинвалы райдыдтой гуырын автобазартæ. Хæдтулгæты уæйгæнджытæ сæ цæст æрæвæрдтой уазæгдон "Алан" æмæ базарадон центр "Солнечный"-йы раз фæзуæттыл.

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Фæстаг рæстæг ма хæдтулгæтæ уæй цæуынц Паддзахадон телеуынынады раз, Тасойты Инал æмæ Октябры алвæндагыл, Чиаты Иосифы уынгыл æмæ æндæр бынæтты.

Статистикæ: цы æлхæнынц фылдæр Цхинвалы

Кæд фыццаг афæлгæстæй столицæйы ис фылдæр фæсарæйнаг машинæтæ, уæд ПАИ официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ та хуссарирыстойнаг "пропискæ"-имæ машинæты фыццаг рæнхъы сты "Лада"-йы хуызтæ.

"Паддзахадон автоинспекцийы 2019 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Хуссар Иры ис 20 мин хæдтулгæйы. Иумæйаг æркастæй, иууыл популярон сты советон æмæ уæрæсейаг машинæ "Лада"-йы хуызтæ, уæлдайдæр "Приора" æмæ "Нива", - загътой Sputnik МХМ пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, фондз азы размæ Хуссар Иры хæдтулгæты нымæц кæй уыд æрмæст 12 мины.

Люксон модельтæ Хуссар Ирыстоны "пропискæимæ"

Зынаргъ машинæтæ Хуссар Иры стæм хатт ис фенæн. Паддзахадон автоинспекцийы хыгъды цы хæдтулгæтæ ис, уыдон нымæцы сты æнахуыр æмæ зынаргъ люксон модельтæ: "Mercedes G500", "Мерседес G 550" æмæ "Mercedes AMGG63", уыдонæн сæ фылдæры аргътæ хизынц цалдæргай милуан сомæй. Бынæттон ныффыстимæ ма ис "Bentley" дæр. Уый адæмон дам-дум хоны Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты хæдтулгæ. Ноджы ма иу æнахуыр хæдтулгæ та æрбынат кодта ресторан "Минас"-ы кæрты.

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Машинæты стыр æввонггæнджытæ

Хуссар Иры машинæты стыр æввонггæнджыты нымæц хизы фондз-æхсæз адæймаджы онг. Кæцыдæр амалиуæггæнджытæ журналистты цымыдисмæ зæрдæхсайгæ цæстæй кæсынц, аннæтæ æнæзивæгæй дзурынц сæ фæлтæрддзинады тыххæй.

Фылдæр бæрцæй Хуссар Ирыстонмæ машинæтæ цæуынц Японийæ. Хæдтулгæтæ балхæнынц аукционты, уый фæстæ Уæрæсейы территорийыл райдайынц сæ транзитон балц Новороссийскыл. Астæуккаг банымадмæ гæсгæ, машинæ дард скæсæнæй цæуы 1,5-3 мæйы. Ацы бизнесы сусæгдзинæдтæ Sputnik радзырдта амалиуæггæнæг Гæбæраты Сæрмæт.

"Японийы хъуамæ æмгуыст кæнай уæнг-менеджеримæ, ацы хъуыддаджы хуыздæр у, се ʻвзаг чи зоны, ахæм адæймаг. Фыццаг этап у йæ равзарын æмæ аукционы балхæнын, стæй райдайы ласыны этап – аукционæй портмæ, портыл æй сæвæрдзысты паромыл æмæ уырдыгæй Новороссийскмæ райдайы "ленк кæнын" нæ хъайтар. Уым æй сæргъæвынц уæзласæн фурæмæ æмæ тыхтоны æрцæуы транзитæй Цхинвалмæ", - зæгъы Гæбæраты Сæрмæт.

Уый ма æмбарын кæны, фæстаг аз машинæты уæйкæныны хъуыддаг кæй ныннымæг ис дыууæ аххосагмæ гæсгæ – Уæрæсемæ баласты проблемæ æмæ Сомихстоны номыртимæ хæдтулгæтæ кæй багуылф кодтой Уæрæсейы базармæ, уый тыххæй.

"Ӕввахс рæстæджы æз нæ фæнд кæнын хæдтулгæтæ æркæнын, уымæн æмæ уæйы хъуыддаг ныннымæг ис. Иууылдæр ахызтысты сомихаг машинæтæ æлхæнынмæ. Уымæн æмæ сын баласт аразын нæ хъæуы. Ацы уæлбар растаможкæ ахæсдзæн азы кæромæ, стæй сæ тарифтæ фæбæрзонд уыдзысты æмæ сын афтæ пайда нал уыдзæн се ʻлхæнын", - дзуры Сæрмæт.

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Европæ æви Япони

Амалиуæггæнæг фылдæр бæрцæй кусы хæдтулгæты хæйтты базары. Уый амоны европæйаг æмæ япойнагтæм машинæтæн æвæрццаг æмæ æппæрццаг пункттæ.

"Европæйаг хæдтулгæтæн кæд йæ хæйттæ уадзынц 40 фирмæйы æмæ дзы фадат ис равзарынæн, уæд япойнæгтæн гæнæн ис уадзой æрмæст фондз фирмæйы. Афтæ та цыфæнды хай дæр ис ссарæн. Япойнагты ма иу хорздзинад ис - уыдон стæмдæр хатт хæлынц, фæлæ сæ хæйттæ та сты зынаргъдæр", - бафтыдта уый.

Лæппу ма бафиппайдта, растаможкæ кæй лæууы 5-15 мин сомы æмæ йæ сфидар кæнæн та ис сахаты æмгъуыдмæ.

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Аннæ хæдтулгæты æввонггæнæг Мæргъиты Алик ацы бизнесы ис аст азы бæрц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы æлхæнджытæ æвзарынц фылдæр бæрцæй хæдтулгæтæ 200 мин сомæй.

"Астæуккаг аргъ у 200 мин сомы бæрц, сæ фылдæр æвзарынц, æртаджы хæрдзтæ бирæ кæмæн нæ лæууынц, ахæм маркæтæ. Мæнæн мæ ласинæгтæ нырма фæндагыл куыд вæййынц, афтæ сын сæ къамтæ апарахат кæнын социалон хызæгтыл æмæ сæ уæдмæ балхæнынц. Фылдæр бæрцæй хæдтулгæтæ кæнæм Японийæ", - радзырдта Мæргъиты Аликы.

Аннæ егъау машинæласæгыл Цхинвалы нымад цæуы Дудайты Алик, уый æмархайдæй фæстаг цыппар азы Цхинвалмæ фæсарæнтæй "цæрынмæ" ʻрцыд 150 хæдтулгæ.

"Адæм фылдæр бæрцæй æлхæнынц "Toyota"-йы маркæтæ, тынг бирæ æлхæнынц минивэнтæ - стыр бинонтæн у иттæг хорз. Чысыл машинтæй популярон сты "Toyota Passo" æмæ "Honda Fit". Стæй ма сæ гъæд æмæ аргъмæ гæсгæ тынг пайда сты рахиз рульимæ хæдтулгæтæ. Зæгъæм "Toyota Camry" астæуккаг уавæры кæд рахиз рулимæ балхæнай 300 мин сомæй, уæд галиуимæ та слæудзæн 600 мины онг", - дзуры Дудайты Алик.

Уый ма Хуссар Ирыстонмæ æркодта фыццаг электромобиль дæр.

"Nissan Leaf" у 2011 азы уагъд, 400 мин сом у йæ аргъ. Ӕртаджы мидсудзгæ змæлынгæнæгимæ дæр уыцы аргъ слæууит. Стæй ма рабæрæг кодтам нæ законты хъæндзинад - электромобилы растаможкæ дзы фыст никуы у", - бафтыдта машинæуæйгæнæг.

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Уый ма радзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы ʻхсæн таможнæйы сæртыл автранспортыл баласт сфидар кæныны фæтк куы фæивтой, уæд уый автобазарыл ныффæлдæхта кау.

Хæрзбон Гуырдзыстон

2017 азмæ Хуссар Ирыстонмæ фæсарæйнаг машинæтæ конд цыдысты сыхаг бæстæ – Гуырдзыстоныл. Уæд Хуссар Ир æмæ ма нæ бæстæйы паспортимæ Уæрæсейы чи цæры, уыдон асламдæр аргъæй æлхæдтой америкайаг хæдтулгæтæ.

"Фæлæ Ларсы таможнæйы ʻрцыд ивындзинæдтæ. Иу хæдтулгæйы аргъ ногдзинæдты фæстæ фæфылæр уыдзæн 90-100 мин сомы æмæ сæ кæныны аккаг нал сты. Уымæ гæсгæ балхынцъ кодтон мæ куыст", - загъта машинæласджытæй ножы иу Тъехты Джимшер.

Скъæрыны бартæ

Хуссар Ирыстоны фæстаг æзты автобум спопулярон кодта автоскъолайы куыст дæр. Ацы уагдонмæ ма цалдæр азы размæ бахауынæн хъуыд мæйгæйттæ æнхъæлмæ кæсын. Ныр фæфылдæр сты сæ къордтæ, рауæрæх кодтой автопарк æмæ радтæ фесæфтысты, фæлæ уæддæр ам ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдон нымæц цъус нæу. Ахуыргæнæн машинæтæ сæ "У" нысæнттимæ æрвылбон дæр фенæн ис Цхинвалы уынгты. Автоскъола 2014 азы Паддзахадон автоинспекцийы дæлбарæй рахызт уæлдæр ахуыргæнæндон ХИПУ-йы бæрнмæ.

Хуссар Иры автодуне: кæцон æмæ цы аргъ машинæтæ æлхæнынц цæрджытæ

Хибацæттæйы нывæзт, кæцымæ гæсгæ шофыр дæтта практикон æмæ теоретикон фæлварæнтæ æмæ уый фæстиуæгæн иса бартæ, æрцыд æхгæд. Бартæ райсæн ис æрмæстдæр Автоскъолайы ахуыр фæугæйæ. Скъолайы хистæр Кулиджанов Василий куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй азы мидæг ахуыргæнæндон уадзы 300 цæттæ специалисты. Ахуыр фæлварæнтимæ иумæ ахæссы æртæ мæйы.