Цæгат Иры цæуынц терроризмы ныхмæ ахуыртæ

Республикæйы цæрджытæм хатынц, цæмæй ма тæрсой, ма рауадзой паникæ, ахуырты районы цавæрдæр арæнæвæрдты тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik. Цæгат Ирыстоны Мустыздæхы хъæуы 26-27 ноябры уагъд цæудзысты теракт ма æруадзыны фæдыл ахуыртæ, кæцыты сорганизаци кодта оперативон штаб, хъусын кæны Градус Осетии.

Бибылты Анатолий Ираны теракты тыххӕй: Хуссар Ир карзӕй у терроризмы ныхмӕ

Терроризмы ныхмæ ахуырты Дыгургомы хайад исынц МХМ, УУМ, ӔФС, Хъахъхъæнынады министрады æмæ Росгвардийы тыхтæ æмæ фæрæзтæ.

Мадзæлтты рæстæджы бакусдзысты сæрмагонд хæстыл террористон акт ма æруадзыны, амынæты уæвджыты ссæрибар кæныны, фыдгæнджыты аиуварс кæныны, афтæ ма рæмудзæн æрмæджыты сæнæзианхъом кæныны фæдыл.

Оперативон штаб æрсидт цæрджытæм, цæмæй ма тæрсой, ма рауадзой паникæ, ахуырты районы цавæрдæр арæнæвæрдты тыххæй.