Цхинвалы администраци фӕуд кӕны Путины уынджы хӕрзарӕзтад

Мӕскуыйаг уынджы ном Путины уынгмӕ раивыны фӕдыл скъуыддзаг горӕты администраци рахаста ацы аз октябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны централон уынгтӕй иу – Владимир Путины уынджы – хӕрзарӕзтад балхынцъ уыдзӕн азы кӕронмӕ, фехъусын кодта  Sputnik Цхинвалы Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады хайады хистӕр Лалыты Сослан.

Столицӕйы коммуналон кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц уынджы улӕфӕн зонӕты хӕрзарӕзтад ӕмӕ цалцӕг кӕнынц социалон-ахсджиаг объекттӕ.

"Ныртӕккӕ куыстытӕ уагъд цӕуынц Леуахийы сæрты хидыл. Афтӕ ма сцалцӕг кодтам вокзалгӕрон фӕзуаты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты разуындтӕ", - радзырдта Лалыты Сослан.

Путины уынджы хӕрзарӕзтад райдыдта ацы аз сӕрды. Куыстыты архайынц столицӕйы администрацийы кусджытӕ ӕмӕ техникӕ.

Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей

Ныртӕккӕ ӕххӕст цӕуы горӕты "Универмаг"-ы бынаты улӕфӕн зонӕйы хӕрзарӕзтад – ацы бӕстыхай басыгъд 2008 азы августы, ацы аз ын ныппырх кодтой йӕ къултӕ дӕр.

Афтӕ ма сцалцӕг кодтой Кады Аллей дӕр "Ӕнусон арт" мемориалы цур.

Турбазӕ "Осетия"-йы цур, кусджытӕ сарӕзтой сывӕллӕты фӕзуат, цы ран ис бирӕ хъазӕн бынӕттӕ. Ацы ран советон дуджы уыд хӕрӕндон. Аварийон бӕстыхай ныппырх кодтой.

Путины уынг раздӕр хуынд "Мӕскуыйаг", йӕ ном ын раивтой уӕрӕсейаг президенты райгуырӕн боны цытӕн.