Хуссар Иры территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст адарддӕр уыдзӕн 2020 азы

Уӕрӕсейаг центр "Лидер"-ы специалисттӕ ауадздзысты республикӕйы территорийы фӕсхӕстон минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны фӕндзӕм этап
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг сапертӕ 2020 азы ссыгъдӕг кӕндзысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Хуссар Ирыстоны территорийӕ дыууын гектарӕй фылдӕр, загъта пресс-конференцийы Sputnik УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт. 

Дыууӕ мин фӕсидты: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг 2019 азы фӕстиуджыты тыххӕй

Уый суыдзӕн республикӕйы территорийы фӕсхӕстон минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны фӕндзӕм этап. Мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсӕнхицауадон бадзырды фӕлгӕтты.

"Фидӕнмӕ нывӕзты ис республикӕйы Цхинвалы районы территорийы адарддӕр кӕнын рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст, йӕ иумӕйаг фӕзуат - 25 гектары", - банысан кодта министр.

Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ, кӕн цыппаразон программӕ кӕронмӕ бахӕццӕ, уӕддӕр республикӕйы территорийы баззад рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ӕнӕсыгъдӕг фыдгуытӕ. Уыдон та тӕссаг сты цӕрджыты ӕнӕниздзинадӕн.

Хуссар Иры территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст адарддӕр уыдзӕн 2020 азы