МХМ сӕргълӕууӕг ӕдас Цхинвалы тыххӕй: хъӕуы сӕдӕгай милуан сомтӕ

Министр радзырдта журналисттӕн, цӕннӕ среализаци кодтой проект, кӕцы сарӕзтой цалдӕр азы размӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Егъау проект "Ӕдас горӕт"-ы реализацийӕн хъӕуы рахицӕн кӕнын 300 милуан сомы, загъта пресс-конференцийыл мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь.

Проект бацӕттӕ кодтой цалдӕр азы размӕ, фӕлӕ стыр финансон хӕрдзты фӕдыл ӕй нӕ бантыст среализаци кӕнын.

"Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц "Ӕдас горӕт" проектмӕ гӕсгӕ кӕй хъӕуы сӕвӕрын ӕрмӕстдӕр видеоцӕстдарды камерӕтӕ, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уый у егъау программӕ – видеокамерӕтӕ, сфетофортӕ, фӕндагон нысӕнттӕ, радартӕ", - загъта Наниты Игорь.
МХМ сӕргълӕууӕг ӕдас Цхинвалы тыххӕй: хъӕуы сӕдӕгай милуан сомтӕ

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕцыдӕр алвӕндӕгтыл ныридӕгӕн ис видеокамерӕтӕ, кӕцытӕ сӕвӕрдтой Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хъӕппӕрисӕй. Министр баныфсӕвӕрдта, проект ӕмӕ уагдоны фадӕттӕ цъусгай кӕй рауӕрӕх уыдзысты.

"Цӕмӕй ӕнӕхъӕнӕй аххӕссӕм горӕт ӕмӕ сӕйраг республикӕйы трассӕтыл, уый тыххӕй хъӕуынц стыр хӕрдзтӕ. Проекты реализацийӕн бахъӕудзӕн рахицӕн кӕнын 300 милуан соммӕ ӕввахс", - загъта МХМ сӕргълӕууӕг.

Нанины Игоры уырны, Уӕрӕсеимӕ ӕхсӕнхицауадон ӕмӕ ӕхсӕнуагдонон бадзырдты фӕлгӕтты ӕввахс рӕстӕджы системӕ  "Ӕдас горӕт" кӕй рауӕрӕх уыдзӕн.