Нӕ тыхсын: мидхъуыддӕгты министр ӕнӕууӕнчы вотумы тыхӕй

Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн уагдоны ӕрӕджы цы цау ӕрцыд, уый фӕстӕ депутатты иу хай домы рахӕссын дфууӕ министрӕн ӕнӕууӕнчы вотум
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь загъта, кӕй йын ис тынг бирӕ куыст йӕ дӕлбар уагдоны ӕмӕ йын рӕстӕг кӕй нӕй, республикӕйы закондӕттӕн органы цытӕ цӕуы, уыдонмӕ хъус дарын.

Хуссар Иры парламенты сесси ӕрурӕдтой министртӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссы фарсты тыххӕй

Октябры депутатты къорд бадзырдта спикер Тадтаты Аланмӕ Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Юстицийы министрады сӕргълӕуджытӕн – Наниты Игорь ӕмӕ Лалыты Зӕлинӕйӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фӕдыл цхинвайлаг рӕстмӕгӕнӕн колонийы цауы тыххӕй. Фӕстӕдӕр парламенты президиум ӕркаст ацы куырдиатмӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кодта ма рахӕссын фарст сессимӕ. Иу бон фӕстӕдӕр депутаттӕ парламентон сессийы рабадтыл аивтой президиумы скъуыддзаг.

"Бынтондӕр нӕ тыхсын уый тыхӕй. Мӕнӕн ис тынг бирӕ куыст ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнон. Депутаттӕ сӕхӕдӕг хуыздӕр зонынц, цы саразой, цы закӕттӕ рахӕссой, уый. Мӕ хӕс нӕу уыдон уагахастӕн, сӕ объективондзинадӕн нысӕнттӕ ӕвӕрын. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕндзӕн мӕ хӕстӕ", - бахахх кодта министр.