Раргом кæнын курдиатджын фæсивæды: ХИПУ-йы студенттæ ауагътой сфæлдыстадон изæр

Мадзал уыд студентон советæн се 'ртыккаг изæр фæстаг рæстæджы, радон хатт фæнд кæнынц бамбал кæнын нывгæнджыты суинаг фæлтæрты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры паддзахадон университеты студентон совет ауагъта сфæлдыстадон изæр. Зарæггæнджыты ног фæлтæр æмæ æрыгон поэттæ зонгæ кодтой се ʻсфæлдыстадимæ уазджыты.

Раргом кæнын курдиатджын фæсивæды: ХИПУ-йы студенттæ ауагътой сфæлдыстадон изæр

Уый у студенты активы æртыккаг сфæлдыстадон изæр. Фыццаг фæлварæн уыд гом арвы бын, дыккаг снывонд кодтой ирон аивадæн, æртыккаг изæры та Хуссар Иры студенттæм æрбамбал сты зарæггæнджытæ Цæгат Ирыстонæй – Гацыты Арсен æмæ Сакъиты Яна.

"Студенттæм бацæуыны церемонимæ ректор æрхуыдта Гацыты Арсен æмæ Сакъиты Янайы, уавæрæй спайда кодтам æмæ æрбамбырд кодтам сфæлдыстадон изæр. Тынг бирæ курдиатджын фæсивæд ис ХИПУ-йы æмæ сæ ничи зоны. Студентон советы хæс у уыдон раргом кæнын. Радон мадзалмæ нæ фæнды студентты-нывгæнджыты куыстыты равдыст дæр баиу кæнын", - загъта студентон советы сæрдар Кокойты Анна.

Сфæлдыстадон изæры хатæн, куыд аннæ мадзæлтты рæстæджы, афтæ та ныр дæр уыд рæсугъд фæлыст - цырæгътæ, адджинæгтæ баххæст кодтой алфамбылай. Ногæй та айзæлдысты Хъодалаты Марияйы фыст зарджытæ ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл йæхи æмæ Джиоты Любайы æххæстæй, залы бадæг студенттæ æххуыс кодтой зарæггæнджытæн.

Раргом кæнын курдиатджын фæсивæды: ХИПУ-йы студенттæ ауагътой сфæлдыстадон изæр

"Ацы мадзæлттæн ис æвæрццаг æндæвдад нæ студентты культурон æмæ монон размæцыдыл, уыдон ирд ахорæнтæй байдзаг кодтой ме ʻстудентон цард. Диссаджы адæймаг – Кокойты Анна куы фæзынд студсоветы, уæдæй нырмæ ауагътам бирæ хорз мадзæлттæ. Фæндзæм курсы дæн æмæ фидæны тынг мысдзæн ацы рæстæг", - загъта Джиоты Люба.

Хуссар Ирмæ ныр дыккаг хатт фæуазæг ис цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Гацыты Арсен, уый "Осетия-Ирыстоны" телепроект "Азар ма"-йы сæххæст кодта Джиоты Любаимæ зарæг "Дæу тыххæй", кæцы ссис Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары дæр æнахуыр популярон.

"Дыккаг хатт дæн ам, алыхатт дæр райзæрдæйæ цæуын Цхинвалмæ æмæ мыл ам дæр хорз æмбæлынц", - загъта Гацыты Арсен.

Сфæлдыстадон изæры студенттæ классикты æмдзæвгæтæй дарддæр кастысты сæхи фыст æмдзæвгæтæ.