Рӕстӕмбис: Наниты Игорь 2019 азы Хуссар Иры МХМ куысты тыххӕй

Республикӕйы уӕззау уавӕрмӕ нӕкӕсгӕйӕ, МХМ ӕндӕр тыхон структурӕтимӕ иумӕ райстой сӕ хъусдардмӕ оперативон уавӕр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь фехъусын кодта, 2019 азы фыдракӕндты нымӕц кӕй фӕкъаддӕр. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг майрӕмбоны пресс-конференцийыл скодта развӕлгъау хатдзӕгтӕ уагдоны куыстӕн ацы аз ӕмӕ саргъ кодта барадхъахъхъӕнӕг органты архайдӕн.

"Республикӕйы уавӕр иумӕйагӕй уыд уӕззау. Фӕлӕ МХМ ӕндӕр тыхон структурӕтимӕ иумӕ райстой сӕ хъусдардмӕ оперативон уавӕр. Ӕмӕ абон мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, криминогенон уавӕр кӕй ницы тас хӕссы", - загъта Наниты Игорь.

Министр банысан кодта, республикӕйы азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕрцыд 139 фыдракӕнды, уыдон 110 сбӕрӕг кодтой барадхъахъхъӕг органтӕ. 2018 азы фыдракӕнды нымӕц уыд фылдӕр – 173, уыдонӕй сбӕрӕг кодтой 128.

Рӕстӕмбис: Наниты Игорь 2019 азы Хуссар Иры МХМ куысты тыххӕй

Уымӕй дарддӕр, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ хайад истой паддзахадон ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлтты ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныны. Наниты Игорь бахахх кодта, барадхъахъхъӕнджыты хорз архайды руаджы уыцы мадзӕлтты рӕстӕджы нӕ ӕрцыд фехӕлдтӕ.

МХМ сӕргълӕууӕг ӕдас Цхинвалы тыххӕй: хъӕуы сӕдӕгай милуан сомтӕ

Уый банысан кодта уагдоны хорз куыст, "фӕлӕ дзы ис фиппаинӕгтӕ, кӕцытӕ хъӕуы сраст кӕнын".

"Мах алцыдӕр араздзыстӕм, цӕмӕй адӕм цӕрой ӕдас уавӕрты. Мӕхӕдӕг уагдоны куыстӕн аргъ кӕнын куыд рӕстӕмбис", - загъта Наниты Игорь.

Министр ма бафтыдта, зӕгъгӕ, барадхъахъхъӕнджыты куыстӕн хъуамӕ аргъ кӕна уагдоны разамонӕг нӕ, фӕлӕ республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕм.