Хуссаирыстойнаг театр балхынцъ кодта йæ гастрольтæ Дзæуджыхъæуы

Труппæ Цæгат Ирыстоны кæсæгæн равдыста дыууæ трагеди, цыппар комеди æмæ дыууæ аргъауы, уыдонæн иууылдæр уыд стыр æнтыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik. Дзæуджыхъæуы кæронмæ бахæццæ сты хуссарирыстойнаг паддзахадон театры иукъуырион гастрольтæ. 

Ирон театры сценæйæ труппæ ивгъуыд хуыцаубоны ацыд кæсджыты тынг къухæмдзæгъдимæ.

Хуссар æмæ Цæгат Иры театртæ бафыстой æмгуыстады бадзырд

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ Цæгаты столицæйы æдæппæт равдыстой аст спектаклы, се 'хсæн Дзуццаты Тамерланы æвæрдæй  "Фатимæ"-йы премьерон равдыст. Афтæ ма цæгаттаг кæсæджы размæ рахастой комедитæ "Цыппæрæмæй цыппæрæммæ", "Ды мæ куы уарзай", "Сылгоймаг, нæлгоймаг, рудзынг, мард", "Бирæгътæ", сывæллæттæн дыууæ аргъауы. Гастрольтæ балхынцъ сты трагеди "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йæ.

"Гастрольтæ ацыдысты æнтыстджынæй. Кæсæг нæ æмбæрста тынг хорз", - радзырдта театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан телеканал "Осетия - Ирыстон"-æн.

Гастрольты фæлгæтты ма дыууæ театры бафыстон æмгуыстады бадзырд дæр. Документ рагхыгъд кæны æрмæст дыууæ уагдоны размæцыд нæ, фæлæ иумæйагæй ирон театры райрæзт.