Хуссар Иры гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты Ставрополы турниры

Ӕвзонг спортсменкӕтӕ рамбылдтой сӕ ныхмӕлӕуджыты ӕмӕ схызтысты кады пьедесталы сӕйраг къӕпхӕнтӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ "Ир Олимп Валерия" ссис ӕрвылазон турнир "Триумфальная арка"-йы уӕлахидзау Ставрополы крайы. Уый уыд командӕйы ранӕуӕггонд сконды фыццаг ралӕуд, загъта Sputnik ӕвзонг спортсменкӕты тренер Саулохты Наталья.

Турнир уагъд цыд ноябры кӕрӕтты Ставрополы. Спортсменкӕты бацӕттӕ кодтой тренер Саулохты Наталья ӕмӕ хореограф-ӕвӕрӕг Сания Глызина.

"Мах куыстам ӕнӕ улӕфтӕй ӕмӕ бацӕттӕ кодтам сывӕллӕтты иу мӕймӕ. Тынг райгонд дӕн гимнасткӕты ралӕудӕй. Ахӕм ӕмгъуыдмӕ равдыстой хорз фӕстиуджытӕ", - радзырдта Саулохты Наталья.
Хуссар Иры гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты Ставрополы турниры

Хуссар Ирыстоны командӕ, кӕцыйы сконды сты 8-10 азы кары спортсменкӕтӕ, бацахста фыццаг бынат турниры. Кады пьедесталмӕ схызтысты Бестауты Анна, Уалыты Анастасия, Дыгъуызты Лана, Куыдзеты Валерия, София Ломакина, Хуыбаты Валерия ӕмӕ Ева Шатунова.

Ева Шатунова архайы гимнастикӕйӕ ӕрмӕстдӕр дыууӕ азы. Уый фыццаг хатт уыд республикӕйӕ ӕддейӕ ерысты.

"Мӕнӕн уый уыд фыццаг фӕлтӕрддзинад фӕсарӕнты ерысты. Махӕн ис тынг хӕлар командӕ, ӕмӕ уый бандӕвта нӕ уӕлахизыл", - банысан кодта гимнасткӕ.
Хуссар Иры гимнасткӕтӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты Ставрополы турниры

Ноджы ма иу командӕ Хуссар Ирыстонӕй - "Ир-Олимп Даймандс", кӕцыйы сконды сты 6-8 азы кары гимнасткӕтӕ, бацахста дыккаг бынат турниры. Командӕйы бацӕттӕ кодта тренер Зассеты Элина.