"Энергоресурс"-ы сæргълæууæг горæты хъармгæнæн сезоны тыххæй

Горæт Цхинвалы бюджетон уагдæтты хъармгæнæн сезон райдайы ноябрæй суанг арпелы мæймæ æмæ сæ ифтонг кæнынц 49 агдоны
Sputnik
"Энергоресурс"-ы сæргълæууæг горæты хъармгæнæн сезоны тыххæй

Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдæтты ацы аз хъармгæнæн сезон райдыдта фыццæгæм ноябрæй. Медицинон уагдæтты та ноджы раздæр. Хъармгæнæн сезон ахæсдзæн 15 апрельмæ.

"Бюджетон организациты хсæн ис 49 агдоны. Хъармгæнæн системæ иу цæуы бавдыстмæ гæсгæ", - загъта Гæбæраты Алан

Цхинвалы фыццаг хъармгонд æрцæуынц сывæллæтты цæхæрадæттæ, рынчындæттæ, уый фæстæ та æндæр культурон объектæ æмæ уагдæттæ. Æхцайы фæрæзтæ хъармгæнæн сезонмæ сифтонг кæнынц азы райдианы.
Иумæйаг агдон ис æрмæстдæр "Хурзæрин"-ы микрорайоны, уыдонмæ йæ хъус дары горæты администраци. Мæскуыйаг микрорайоны цы агдон ис, уый æххæсы скъола, дыууæ сабидон æмæ спортивон комплексыл. Хæдзæртты та ис сæхи сæрмагонд агдæттæ.

Горæт Цхинвалы хъарм кæнынæн пайда кæнынц æрдзон газæй, районты та электроэнерги, кæнæ та æртагæй.