Дзæуджыхъæуы нæлгоймаг адавта фидæн терминал

Нæлгоймаг талынг æхсæвы терминал бавæрдта йæ машинæйы æмæ йæ аласта, уый фæстæ йæ басаста æмæ йын систа йе 'хца
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Цæгатирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой бынæттон цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл фидæн терминал адавыны, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.

Цӕгат Иры полици ӕрцахста фыдгӕнӕджы, кӕцы адавта мады капиталы 170 милуан сомы

Фыдгæнæг разынд поселок Заводскойы 29-аздзыд цæрæг.

"Нæлгоймаг талынг æхсæвы терминал бавæрдта йæ машинæйы æмæ йæ аласта. Фæстæдæр уый басаста терминал, систа йын йе 'хца æмæ сæ бахардз кодта. Зианы иумæйаг бæрц уыд 30 мин сомы", - нысан цæуы МХМ хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, цауы фæдыл кæй бакондæуыд уголовон хъуыддаг статья "адавд"-мæ гæсгæ.