Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры Адӕмон нывгӕнӕг Бежанты Вадим

Ныры дуджы иууыл ирддӕр нывгӕнджытӕй иу амард 78-аздзыдӕй. Бежанты Вадимӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзысты майрӕмбоны, 6 декабры, Дзауы поселочы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны йӕ цардӕй ахицӕн адӕмон нывгӕнӕг Бежанты Вадим, фехъусын кодта Sputnik Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Цхуырбаты Тамерлан. Ирон нывгӕнӕгыл фидӕн азы апрелы сӕххӕст уыдаид 79 азы.

Бежанты Вадим райгуырд Хуссар Ирыстоны Дзауы хъӕуы, фӕцис Цхинвалы нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндон. Нывгӕнӕг йӕ фӕстаг бонтӕм куыста Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы бӕстыхайы йе ‘рмадзы, афтӕ ма Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны дӕр. Бежанты Вадим активон хайад исты республикӕйы равдыстты ӕмӕ ӕвдыста йӕ куыстытӕ экспозициты фӕсарӕнты.

Йӕ нывтыл Бежанты Вадим кад кодта ирон адӕмы хӕххон цардӕн, афтӕ ма дзы ӕвдыста фӕлгонцтӕ, кӕцытӕ баст уыдысты рагон Ирыстонимӕ.