Дзӕуджыхъӕуы азы райдайӕнӕй ФТЦ-ты амард 11 адӕймаджы

Цӕгат Ирыстоны территорийыл авариты уавӕры фӕдыл хыгъдлӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ацы аз ӕрцыд 306 фӕндагон-транспортон цауы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 2019 азы райдайӕнӕй авариты амард 11 адӕймаджы. Дзӕуджыхъӕуы фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл ӕхсӕнуагдонон къамисы рабадтыл администрацийы сӕрдар Фӕрниаты Тамерланы сӕргълӕудӕй ӕрдзырдтой горӕты фӕндӕгтыл фӕндагон-транспортон цауты (ФТЦ) нымӕц фӕкъаддӕр кӕныныл.

Цхинвал - лидер аваритæй, фæлæ иумæйагæй ФТЦ нымæц къаддæр кæны - ПАИ

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй рабадты рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр Хъӕцмӕзты Инал бавдыста хыгъдлӕвӕрд цӕгатирыстойнаг столицӕйы территоритыл авариты уавӕры фӕдыл.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд 306 фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн амард 11 адӕймаджы. Столицӕйы ПАИ хистӕр ма банысан кодта, горӕты кӕй ис цалдӕр аварион бынаты, кӕцыты проблемӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын ӕввахс рӕстӕджы.

Рабадты хайадисджытӕ банхъардтой сӕвӕрын социалон здӕхты баннертӕ, кӕцыты руаджы ӕмбӕстӕгтӕ хуыздӕр сӕ цӕст дардзысты фӕндагон змӕлды фӕтк ӕххӕст кӕнынмӕ.