Хуссар Ирыстоны 9 минӕй фылдӕр сабийы райсдзысты ногазон лӕвӕрттӕ

Ахуырады министрады банысан кодтой, лӕвӕрттӕ балхӕнынӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн кӕй ӕрцыдысты президенты фондӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 9,500 сабийы райсдзысты ногазон лӕвӕрттӕ, фехъусын кодта Sputnik Ахуырады министрады кусӕг Тедеты Алена.

Сывӕллӕттӕ Хуссар Ирӕй ацӕудзысты ногазон мадзалмӕ Кремльмӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, министрад ныридӕгӕн бафыста бадзырд ӕввонггӕнджытимӕ лӕвӕртты тыххӕй.

"Ногазон лӕвӕрттӕ байуардзысты сабидӕтты хъомылгӕнинӕгтӕн, 1-5 кълӕсты ахуырдзаутӕн, афтӕ ма иууыл чысылтӕн дӕр, кӕцытӕ лӕууынц поликлиникӕты хыгъды. Уыдон сӕ лӕвӕрттӕ дӕр райсдзысты поликлиникӕйы, аннӕ сабитӕн та сӕ традицимӕ гӕсгӕ, адих кӕндзысты ногазон мадзӕлтты рӕстӕджы", - банысан кодта Тедеты Алена.

Министрады минӕвар ма банысан кодта, лӕвӕрттӕ балхӕнынӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн кӕй ӕрцыдысты президенты фондӕй.