Активист, ахуыргæнæг, æнувыд æмгар: Хуссар Ир хæрзбон загъта Плиты Андрейæн

Ирыстоныл æнæнхъæлæджы айхъуыст фыдохы хабар - автомобилон аварийы фæстиуæгæн трагикон æгъдауæй æнæрæстæджы фæмард сты республикæйы хуыздæр фæсивæдæй æртæ. Уыдонæй сæ иу уыд Андрей дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik, Дриаты Лейла. Ирыстон та хæрзбон загъта йæ фæсивæды аккагдæр минæвæрттæй иуæн - дыццæджы, 10 декабры, йе ‘нусон бынатмæ афæндараст æнувыд æмбал, активист, рæзгæ фæлтæры хъомылгæнæг Плиты Андрей.

Ацы зымæгон бонтæй сæ иуы, 7 декабры, Ирыстоныл æнæнхъæлæджы айхъуыст фыдохы хабар - автомобилон аварийы фæстиуæгæн трагикон æгъдауæй æнæрæстæджы фæмард сты республикæйы хуыздæр фæсивæдæй æртæ. Уыдонæй сæ иу уыд Андрей дæр.

Цардбæллон, фæлмæнтæ æмæ удварнæй æххæст … Æгæр раджы аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæмæ, ахæм рауад йæ хъысмæт …

Активист, ахуыргæнæг, æнувыд æмгар: Хуссар Ир хæрзбон загъта Плиты Андрейæн

Хъæбулы фæхъуыд, бындары æнæнхъæлæджы фæмард ныййарджытæн уæззау трагеди у. Ныййарæджы зæрдæйæн иууыл риссагдæр хъæдгом! Цæрæнбонтæм уæззау мысинаг...

Фæлæ æрмæст бинонтæ нæ, дард зонгæтæ дæр тынг фæмаст кодтой Андрейыл. Адæм æй бирæ уарзтой. Уымæн æмæ уыд тынг хорз адæймаг, зæрдæхæлар, сыгъдæгуд, худгæбыл æмæ уæздан. Андреимæ ныхасгæнгæйæ, адæймаг алы хатт дæр банкъардтаид йæ уды сыгъдæгдзинад, хуымæтæгдзинад. Уыд фæлмæн адæймаг, никуы никæй фæхъыг кодтаид, нæ зыдта сайын æмæ иумæйаг хъуыддаджы та йæхи аиуварс кæнын.

Сыгъдæгзæрдæ, æнæзæрдæхудт - алцæмæй дæр æмæ алы хъуыддаджы дæр. Ахæм æмбал, ахæм æмгар дын уа, уымæй стырдæр амонд ма цы вæййы! Æмбалыл дæ хуызæн чи бацин кодтаид, йæ зын ын чи бамбæрстаид, ахæмтæ стæм ис. Парахатзæрдæ уыд, йæ цæхх æмæ кæрдзын никуы æмбæхста йе 'мкусджытæй, йæ зонгæтæй, йе ‘мбæлттæй...

Активист, ахуыргæнæг, æнувыд æмгар: Хуссар Ир хæрзбон загъта Плиты Андрейæн

Хуыцауы цæст нын æй нæ бауарзта… Бирæ фæндтæ æмæ æнæсæххæст хъуыдытæ ахаста йемæ мæрдтæм.

Цардбæллон æмæ хæларзæрдæ лæппуйы ном нæ ферох уыдзæн нæ фæсивæдæй, æмбæлттæй, хиуæттæй. Адæймаг – кæцыйы мысдзысты, адæймаг - кæцыйы уарздзысты.

А-дунейæ йе ‘нусон бынатмæ чи ацæуы, уымæн зæххон адæймаджы бон ницыуал вæййы, æрмæстдæр йæ бон вæййы мысын, йæ ном ын зæрдыл дарын.

Рухсаг у, Андрей…