Аиуварс кӕнын мӕлӕтдзаг аваритæ: МХМ сӕргълӕууӕг радта хæслæвæрттӕ йӕ кусджытӕн

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады оперативон рабадтыл ӕрдзырдтой фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй мӕлӕтдзаг аварийы фӕстӕ, кӕцы ӕрцыд Цхинвалы цур ивгъуыд улӕфт бонты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь радта фӕдзӕхст йӕ кусджытӕн бацӕттӕ кӕнын ӕнхъарӕнтӕ, цӕмӕй аиуварс кӕной мӕлӕтдзаг цаутӕ фӕндӕгтыл. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта рабадтыл, кӕцыйы темӕтӕй иу уыд мӕлӕтдзаг фӕндагон-транспортон цау, кӕцы ӕрцыд республикӕйы улӕфт бонты.

Активист, ахуыргæнæг, æнувыд æмгар: Хуссар Ир хæрзбон загъта Плиты Андрейæн

Наниты Игорь банхъардта ауадзын фӕндагон хызӕгты мониторинг, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Фӕндӕгты иууыл тӕссагдӕр бынӕтты хъӕуы саразын барьертӕ, цӕмӕй хӕдтулгӕтӕ былӕй мауал хауой, сӕвӕрын светофортӕ ӕмӕ фӕндагон нысӕнттӕ. Ноджы ма иу вариант та у ракӕнын республикӕйы фӕндӕгтӕм милицийы фылдӕр экипажтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Министр банысан кодта, аваритӕ хъӕуы рагфӕдзӕхст кӕнын.

Сабаты ӕхсӕвы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цхинвал-Дменис фӕндаджы фыццаг километрыл хӕдтулгӕ "Лада Гранта" ахауд фӕндагӕй ӕмӕ афӕлдӕхт. Аварийы фӕстиуӕгӕн амардысты ӕртӕ ӕвзонг лӕппуйы.