Бибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Ирон ӕхсӕнады советы минӕвӕрттимӕ

Паддзахады сӕргълӕууӕг хорз аргъ скодта ӕхсӕнадон организацийы куыстӕн культурон ӕмӕ монон фарстыты райрӕзты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Ирон ӕхсӕнады советы уӕнгтимӕ ӕмӕ ӕрныхас кодта семӕ культурӕ, монон фадыг, фӕсивӕд ӕмӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй, хъусын кӕны ӕхсӕнады сайт "Iriston".

"Мӕскуыйаг ӕхсӕнады хӕслӕвӕрд у ӕрбаиу кӕнын ӕрмӕст мӕскуыйаг ирӕтты нӕ, фӕлӕ ма не ‘мбӕстӕгты, кӕцытӕ цӕрынц Уӕрӕсейы ӕндӕр регионты. Мӕскуыйаг ӕхсӕнад хъуамӕ суа не ‘мбӕстӕгты ӕрбаиу кӕныны центр", - загъта Бибылты Анатолий.

Ӕхсӕнады сӕрдар Абайты Алан банысан кодта, ацы здӕхты куыст кӕй цӕуы ӕмӕ ис нывӕзтытӕ саразын егъау националон культурон автономи. Афтӕ ма уый радзырдта Мӕскуыйы хицауадимӕ ӕмгуыстад ӕмӕ сӕ фӕндты тыххӕй сӕндидзын кӕнын националон культурӕйы фестиваль "Фарн", кӕцы ауагътой Мӕскуыйы 2014 азы.

Бибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Ирон ӕхсӕнады советы минӕвӕрттимӕ

Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны динамонӕг, фыд Вячеслав радзырдта социалон миссийы тыххӕй – аргъуаны ӕххуысӕй ӕрвылбон 15 ӕххуысхъуаг адӕймагӕн бахӕрын кӕнынц сихор, адӕмӕн ӕххӕст кӕнынц материалон ӕххуыс дӕр.

Бибылты Анатолий базонгӕ ис ӕмбырды алкӕцы хайадисӕгимӕ дӕр, байхъуыста бузныджы ныхӕстӕм ӕмӕ фидӕны нывӕзтытӕм. Афтӕ ма президент равдыста ныфс Советы уӕнгтӕн, кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ирон ӕхсӕнадӕн.