Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майдан ерысты

Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй хайад исы ерысты Кропоткины ӕмӕ ныридӕгӕн рамбылдта ӕртӕ майданы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майдан ерысты Кропоткины, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй фыццаг хатт хайад исы ерысты "Новогодние старты", кӕцытӕ уагъд цӕуынц Кропоткины 9-14 декабры.

 

"Хуссар Ирыстоны командӕйы скондмӕ бахызтысты 17 ӕвзонг спортсмены. 2010 азы гуырд спортсменты хсӕн дыууӕ сыгъзӕрин майданы рамбылдта Уалыты Даяна. Ахӕм ӕнтыстытӕ уымӕн ис комплексон ӕмӕ баттерфляй ленк кӕнынӕй 200 метрмӕ. Ноджы ма иу майдан Хуссар Ирыстонӕн ӕрхаста Уалыты Александр. Уый ссис дыккаг баттерфляйӕ 200 метры дистанцимӕ", - радзырдта республикӕйы Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Хуссар Ирыстоны ленк кӕнын райдыдтой райтынг кӕнын 2016 азы. Куыст райдыдта тренерты ахуыр кӕнынӕй, уый фӕстӕ та спортсменты, ӕмӕ цыппӕрӕм аз цӕуы ахуырадон процесс. Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджыты фыццаг ерыстӕ ацыдысты 2017 азы январы. Спортсментӕ фыццаг хатт ацыдысты республикӕйы ӕддейӕ ерыстӕм ацы аз февралы.