Срæмыгъды зианбаййафæг лæппуйы цардæн тас нæу

Срæмыгъд айхъуыст Цхинвалы æртыццæджы изæры аст сахатмæ æввахс Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл цыппæрæм хæдзармæ хæстæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл айхъуыст срæмыгъд, цæстæйуынджыты хъуыдымæ гæсгæ, спырх ис гранатæ. Срæмыгъды зианбаййафæг æвзонг лæппуйæн йæ цардæн ницы тас у, загътой Sputnik рынчындоны исæн хайады.

Срæмыгъд айхъуыст æртыццæджы изæры аст сахатмæ æввахс Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл цыппæрæм хæдзармæ хæстæг.

"Ӕртыццæджы изæры 20:15 сахатыл рынчындонмæ æрбакодтой горæты цæрæг 23-аздзыд лæппуйы схъисон цæфтимæ. Зианбаййафæгæн фылдæр бахъыгдард сты йæ къæхтæ æмæ риуы гуыдыр галиу ʻрдыгæй. Лæппуйæн бакодтой фыццаг æххуыс, операци нæ бахъуыд. Абон уый рацæудзæн бæстон сгæрст", - загътой рынчындоны.

Уым ма банысан кодтой, лæппуйы цардæн тас нæу.