Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегаци бабӕрӕг кодта Хуссар Иры арӕзтадон объекттӕ

Уӕрӕсейаг уагдоны минӕвӕрттӕ фембӕлдысты хицауады сӕрдаримӕ, уый фӕстӕ бабӕрӕг кодтой Инвестпрограммӕйы объекттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы азы Инвестпрограммӕйы мадзӕлтты фылдӕр хай сӕххӕст кодтой, банысан кодтой премьер-министр Пухаты Эрикы фембӕлдыл Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегациимӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара.

Уый фехъусын кодта, делегаци ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады департаменты директор Антон Мельникы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ кусӕгон балцы.

"Фарсытӕ ӕркастысты 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕйы реализацийы хатдзӕгтӕм. 2019 азы мадзӕлтты фылдӕр хай сӕххӕст кодтой, аннӕ объекттыл куыстытӕ уагъд цӕуынц фӕтыхджындӕргонд режимы", - банысан кодтой хицауады.
Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегаци бабӕрӕг кодта Хуссар Иры арӕзтадон объекттӕ

Афтӕ ма ӕрдзырдтой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытыл.

Балцы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг делегаци бабӕрӕг кодта Цхинвалы уазӕгдон, фонтан Сӕрибардзинады фӕзуатыл, мемориалон комплекс, 18-фатерон хӕдзӕрттӕ Знауыр ӕмӕ Дзауы поселочы, МХМ информацион-координацион центр.