Транскамыл аварийы ныппырх сты æртæ хæдтулгæйы

Авари 'рцыд Итраписы хæрæндоны раз, МХМ пресс-службæйы хъусинагмæ гæсгæ цауы зианбаййафджытæ нæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны республикон трассæйыл цыппæрæмы æрцыд фæндагон транспортон цау æртæ хæдтулгæйы хайадистæй. Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ цæуæг хæдтугæйы шофыр бырынцъаг фæндагыл не сырæхст скъæрын æмæ ныццавта дыууæ лæугæ машинæйы, фехъусын кодтой Sputnik МХМ пресс-службæйы.

Срæмыгъды зианбаййафæг лæппуйы цардæн тас нæу

Авари æрцыд Итраписы хæрæндоны раз.

"Фæндагон-транспортон цау ʻрцыд Цхинвал–Дзау фæндаджы 10-æм километрыл дысон 21:45 сахатыл. Хæдтулгæ Nissan X-Trail шофыр, 57-аздзыд лæг цыд Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ, бырынцъаг фæндагыл нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд фæндаггæрон урæд машинæтыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Пресс-службæйы банысан кодтой, цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, медицинон басгæрст рабæрæг кодта, шофыр расыг нæ уыд.