Экологимӕ ӕркӕсӕм: Хуссар Иры милици скъуыддзаг кӕны бырон калыны проблемӕ

Милицийы фадыгон кусджытӕ уадзынц рейдтӕ столицӕ ӕмӕ районты бырон ӕнӕмбӕлгӕ бынӕтты калыны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады горӕтон ӕмӕ районон хайӕдты кусджытӕ уадзынц рейдтӕ арӕзтадон ӕмӕ цардуагон бырон ӕнӕмбӕлгӕ бынӕтты калыны, афтӕ ма сӕ калджыты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Цхинвалы уынгтӕй иуыл сырӕзт арӕзтадон быроны обаутӕ.

"Уынгыл цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдонӕй иуы хицау раивта йӕ агъуыст ӕмӕ бырон иууылдӕр самадта тротуарыл. Милицийы кусджытӕ сӕ бафӕдзӕхстой ӕфхӕрды тыххӕй ӕмӕ сын бырон аласынӕн радтой 10 боны", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Уагдоны банысан кодтой, хӕдзары хицӕуттӕ дыккаг бон кӕй бафснайдтой тротуар, фӕлӕ вӕййы ахӕм цаутӕ дӕр, цӕрджытӕ мӕйгӕйтты кӕй нӕ фӕласынц сӕ бырон бырӕндӕттӕм.

"Уӕд мах бахъӕуы саразын административон протокол ӕмӕ йӕ арвитӕм тӕрхондонмӕ", - бамбарын кодтой министрады.

Милицийы фадыгонтӕ куыд нысан кӕнынц, афтӕмӕй районты ацы проблемӕ афтӕ актуалон нӕу, куыд горӕты. Алфамбылай чъизи кӕныны цаутӕ сарӕх вӕййынц сӕрды, цӕрджытӕ ӕрдзы хъӕбысмӕ улӕфынмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд.