Цхинвалы фехъусын кӕндзысты иууыл хуыздӕр зарӕггӕнджыты РХИ телеуынынады версимӕ гӕсгӕ

Лауреаттты нӕмттӕ нырма нӕ фехъусын кодтой, бӕрӕг у, премитӕ кӕй райсдзысты 13 адӕймаджы – уыдон сты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны зарӕггӕнджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн фыццаг телеуынынадон преми "Ӕрфӕны фӕд" раттыны бӕрӕгбонон церемони. Зарӕггӕнджыты, кӕцытӕ бахастой стыр хайбавӕрд музыкалон аивадмӕ, хорзӕхджын кӕндзысты ПККЗ "Чермен"-ы Ног азы агъоммӕ, фехъусын кодта Sputnik проекты разамонӕг Мамиты Григорий.

Ток-шоу ӕмӕ аналитикон программӕтӕ: Хуссар Иры телеуынынад рауадздзӕн ног алӕвӕрдтӕ

Лауреаттты нӕмттӕ нырма нӕ фехъусын кодтой, бӕрӕг у, премитӕ кӕй райсдзысты 13 адӕймаджы – уыдон сты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны зарӕггӕнджытӕ.

"Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг хатт ацӕудзӕн националон телеуынынады версимӕ гӕсгӕ иууыл хуыздӕр зарӕггӕнджыты хорзӕхкӕныны церемони. Вокалисттӕн ӕрмӕст фӕстаг азы хайбавӕрдӕн нӕ аргъ кӕндзысты. Премимӕ раразмӕ кодтой 20 адӕймаджы, фӕлӕ йӕ райсдзысты ӕрмӕстдӕр 13. Хорзӕхтӕ зарӕггӕнджытӕн ратдзысты зындгонд адӕм", - загъта Мамиты Григорий.

Концерт ӕмӕ "Ӕрфӕны фӕд" преми раттыны бӕрӕгбонон церемони ацӕудзӕн къуырисӕры, 23 декабры.