Юстицийы министр радта ног хӕслӕвӕрдтӕ ахӕстоны кусджытӕн

Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сӕргълӕууӕг ауагъта рабадт рӕстмӕгӕнӕн колонийы кусджытимӕ, кӕцытӕ радзырдтой ахӕстоны уавӕры тыххӕй ӕмӕ райстой ног хӕслӕвӕрдтӕ уагдоны сӕргълӕууӕгӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ бахӕс кодта Цхинвалы ахӕстоны радгӕстӕн рацӕуын медицинон басгӕрст сӕ сменӕйы размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ. Ахӕм мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц, цӕмӕй ахӕсттӕм ма бахауой тобӕгонд буарадтӕ.

Хуссар Иры Юстицийы министрады ӕрдзырдтой ахӕстоны уавӕры тыххӕй

Афтӕ ма Лалыты Зӕлинӕ бахӕс кодта иудадзыг уадзын ныхас барадон фӕткты фӕдыл ахӕсттимӕ.

Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй рӕстмӕгӕнӕн колонийы хайӕдты хистӕртӕ хыгъдлӕвӕрд радтой министрӕн къуырийы хатдзӕгты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодтой, ацы период ахӕстоны сгарӕн мадзӕлттӕ кӕй нӕ уагътой. Нысангонд ӕрцыд, видеоцӕстдарды камерӕтӕ рӕстмӕгӕнӕн колонийы кӕй дӕттынц хорз фӕстиуджытӕ.

Ахӕстоны кусджытӕ бафтыдтой, зӕгъгӕ, цыбыр ӕмгъуыдмӕ кӕрӕдзифенды фатерты дӕр сӕвӕрдтой камерӕтӕ, авг ӕмӕ мидӕггагон телефон, кӕцыйы руаджы ахӕсттӕ ныхас кӕндзысты сӕ хиуӕттимӕ.

Юстицийы министрады рӕстмӕгӕн колонийы хистӕр Мӕргъиты Отар хатдзӕгтӕ скодта уагдоны куыстӕн ӕмӕ йын саргъ кодта куыд стабилон.