Ӕртæ сыгъзæрин æмæ авд æвзисты: Хуссар Иры боксертæ расгуыхтысты Дзæуджыхъæуы фыццагады

Боксы скъолайы тренер Дзигойты Ацæмæз радио Sputnik эфиры радзырдта æвзонг боксерты æнтыстыты тыххæй
Sputnik
Ӕртæ сыгъзæрин æмæ авд æвзисты: Хуссар Иры боксертæ расгуыхтысты Дзæуджыхъæуы фыццагады

Хуссар Ирыстоны боксы командæ хайад райста Цæгат Ирыстоны фыццагады. Командæйы сконды уыдысты иууыл хуыздæр цæттæ спортсментæ, фехъусын кодта тренер Дзигойты Ацæмæз.

Уæлахидзаутæн фадат ис хайад райсын ЦКФЗ турниры.

“Командæйы сконды уыдысты æвæлтæрд спортсментæ, уыдон фыццаг хатт рахызтысты рингмæ. Фæлæ дзы, уымæ æнæкæсгæйæ, æртæ райстой фыццаг бынат, авд та дыккаг, уый хорз фæстиуæг у”, - банысан кодта Ацæмæз.

Тренер баныфс æвæрдта, чысыл спортсментæ дарддæр ноджы æнтыстджындæрæй кæй равдисдзысты сæхи.