Аваритӕ ӕмӕ наркотикты ныхмӕ: Хуссар Иры райдыдтой милицийы рейдтӕ

Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ӕртӕ бонмӕ барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 91 фӕткхалды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдтой рейдон мадзӕлттӕ фӕндагон змӕлды фӕткхалдтӕ сбӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕмӕ хӕцӕнгарз ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон ӕрзылды ныхмӕ.

Аиуварс кӕнын мӕлӕтдзаг аваритæ: МХМ сӕргълӕууӕг радта хæслæвæрттӕ йӕ кусджытӕн

"Профилактикон мадзӕлтты хайад исынц Паддзахадон автонинспекци, криминалон милици, патрулон-постон службӕ ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд дӕлхайӕдты кусджытӕ. Фӕндагон змӕлдмӕ хъусдарды нысаниуӕгӕн сӕйраг тыхты уыдзысты фӕндӕгты аварийон хӕйттыл. Афтӕ ма экипажтӕ патруль кӕндзысты автотранспорт фылдӕр цы уынгтыл вӕййы, уыдон", - дзырдӕуы МХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.

Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ӕртӕ бонмӕ барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 91 фӕткхалды – иу шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протокол автотранспортӕй нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй. Афтӕ ма милицийы кусджытӕ ӕрбаздӕхтой бӕрнмӕ 25-аздзыд цӕрӕджы тамако "Насвай" ӕвӕрыны тыххӕй – йӕ хӕдтулгӕйы йын ссардтой тобӕгонд буарады дыууӕ пакеты.