Хуссар Иры столицӕйы сӕйраг фӕзуатыл сӕвӕрдтой ногазон наз бӕлас

Ногазон наз бӕласы бӕрӕгбонон баконд Цхинвалы центры ацӕудзӕн 25 декабры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалы театралон фӕзуатыл Ног азмӕ сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны сӕйраг наз бӕлас. Аразгӕ бӕрӕгбонон наз бӕлас сфӕлынддзысты 25 декабрмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Алыгъуызон фӕлындӕнтӕ ӕмӕ бюджет: Цхинвалы байгом ногазон армукъа

Ногазон наз бӕласы бӕрӕгбонон баконд Цхинвалы центры ацӕудзӕн 25 декабры.

"Аразгӕ бӕрӕгбонон наз бӕлас ацы аз уыдзӕн тынг оригиналон ӕмӕ йӕ рӕсугъд сфӕлынддзысты. Куыд фарон, афтӕ наз бӕлас уыдзӕн аразгӕ", - загъта Коцты Зӕринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалы централон фӕзуатӕй дарддӕр сфӕлынддзысты столицӕйы кӕцыдӕр уынгтӕ.

"Бӕрӕгбонон атмосферӕ уыдзӕн Сталины, 8-ӕм июны ӕмӕ Путины уынгтыл. Афтӕ ма сфӕлынддзысты Джиоты Аланы проспект столицӕйы центры", - бафтыдта Коцты Зӕринӕ.

Ӕрвылаз сӕйраг бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ Ног Азы цытӕн Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц централон фӕзуатыл Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры раз.