Къостайы æртæ цæсгомы: Хуссар Иры театр бавдисдзæн ног спектакль

Театруарзджытæ фендзысты номдзыд поэты ног хуызты, Къостайы фæлгонц сæххæст кæндзысты Гаглойты Артур, Куымæридтаты Батрадз æмæ Пæррæстаты Дмитрий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры ног азы агъоммæ бавдисдзысты театры репертуары фыццаг музыкалон-литературон композици Хетæгкаты Къостайы тыххæй. Гениалон поэт кæсæджы раз æрлæудзæн æртæ хуызы - йæ адæмы бартыл тохгæнæг, Къоста Анна Поповамæ уарзондзинады тæмæны æмæ Къоста низæфхæрдæй, фехъусын кодтой Sputnik театры пресс-службæйы.

Спектакль цæттæ кæны æрхонгæ режиссер Роман Габриа, равдыст ацæудзæн 29 декабры.

Къоста æвзисты: Национ банк рауагъта згъæрæхца поэты юбилеймæ

"Хетæгкаты Къостайы тыххæй музыкалон-литературон композицийæ æхгæнæм къæлиндарон æмæ Къостайы аз. Мах фендзыстæм гениалон поэты æртæ хуызы, æртæ актеры æххæстæй. Гаглойты Артур, Куымæридтаты Батрадз æмæ Пæррæстаты Дмитрий равдисдзыты Къостайы миддуне хицæн периодты. Стæй ма айзæлдзысты Къостайы уацмыстæй 20 бæрц", - загътой пресс-службæйы.

Культурон уагдоны ма радзырдтой, спектакль кæй бацæттæ кодтой тынг цыбыр æмгъуыдмæ - иу мæййæ къаддæр цыд куыст. Труппæимæ куыста уæрæсейаг режиссер Роман Габриа, уый ныр дыккаг хатт æрцыд Хуссар Ирмæ. Раздæр ма уый сæвæрдта спектакль "Гамлет".