Хуссар Иры ПӔК сӕрдар радзырдта республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ интересты бастдзинадыл

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты сӕргълӕууӕг фыццаг хатт хайад исын журналисттимӕ пресс-конференцийы Sputnik пресс-центры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинадӕн ныры ӕртхъирӕнтӕ баст сты республикӕйы националон интерестимӕ, йӕ ӕхсӕнадӕмон-барадон статусимӕ ӕмӕ бӕстӕйы политикон ситемӕйы дарддӕры райрӕзтимӕ, загъта пресс-конференцийыл Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) сӕргълӕууӕг Олег Ширан.

Гуырдзыстон фидар кӕны йӕ блокпост Хуссар Иры ӕмӕ ӕвӕры йӕ алыварс снайперты – ПӔК

ПӔК сӕргълӕууӕг фыццаг хатт ӕрныхас кодта журналисттимӕ. Йӕ фыццаг пресс-конференци ацыд информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры.

Уый банысан кодта, комитеты архайды сусӕг характеры тыххӕй йӕ бон нӕу радзурын ӕхсӕнадӕн сӕ куысты лыстӕгдзинӕдты тыххӕй.

"Республикӕйы ӕдасдзинады ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон ӕртхъирӕнтӕ баст сты Хуссар Ирыстоны националон интерестимӕ, йӕ ӕхсӕнадӕмон-барадон статусимӕ ӕмӕ бӕстӕйы политикон ситемӕйы дарддӕры райрӕзтимӕ", - загъта ПӔК сӕргълӕууӕг.

Олег Ширан банысан кодта, ӕддагон фадыджы Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинадӕн сӕйраг ӕртхъирӕн у Гуырдзыстон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнад паддзахады суверенитет кӕй нӕ банымадтой, уый.

"Уый тыххӕй Тбилис нӕ фыссы бындурон бадзырд тыхӕй ма пайда кӕнын фӕдыл. Ӕнӕ юридикон документӕй Гуырдзыстон дарддӕр аразы ӕндыгъд уавӕр Хуссар Ирыстон ӕмӕ йӕ сӕйраг цӕдисон Уӕрӕсейӕн зиан ӕрхӕссыны тыххӕй", - банысан кодта ПӔК сӕргълӕууӕг.

Уымӕй дарддӕр Олег Ширан бахахх кодта, абоны бон ПӔК цӕттӕ кӕй у скъуыддзаг кӕнын Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны фарстытӕ. Уагдоны ис профессионалон цӕттӕ кусджытӕ, кӕцытӕ цӕттӕ сты скъуыддзаг кӕнын алыгъуызон хӕслӕвӕрдтӕ.