ПӔК сӕрдар радзырдта Хуссар Иры сӕйраг террористон тасы тыххӕй

Олег Ширан радзырдта республикӕйӕн террористон тасы ратӕдзӕнтыл, афтӕ ма Хуссар Иры спецслужбӕты цӕттӕдзинады тыххӕй уыцы тӕссагдзинад аиуварс кӕныны хъуыддаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады комитеты сӕрдар Олег Ширан фехъусын кодта, Гуырдзыстон нырма дӕр кӕй хӕссы сӕйраг потенциалон террористон тас республикӕйӕн ӕмӕ иумӕйагӕй регионӕн.

Йӕ пресс-конференцийы Sputnik ПӔК сӕрдар радзырдта, цы ӕмвӕзадыл ис экстремистон ӕмӕ террористон тӕссагдзинад, афтӕ ма куыд цӕттӕ сты республикӕйы спецслужбӕтӕ уыцы тӕссагдзинад аиуварс кӕныны хъуыддаджы.

Хуссар Иры ПӔК сӕрдар радзырдта республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ интересты бастдзинадыл

"2008 азы хӕсты фӕстӕ нӕ республикӕйы территорийыл уӕрӕсейаг ӕфсад йӕ базӕтӕ куы ӕрывӕрдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ гуырдзыстойнаг спецслужбӕтӕ ахызтысты Хуссар Иры ныхмӕ паддзахадон терроризмы практикӕйӕ, республикӕйы территорийыл террористон акттӕ саразыны фӕлвӕрдтӕ мах нӕ банысан кодтам. Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Гуырдзыстон нырма дӕр хӕссы сӕйраг потенциалон террористон тас республикӕйӕн ӕмӕ иумӕйагӕй регионӕн", - загъта уый.

Тасхӕссӕг фактортӕй иу Ширан схуыдта Сирийӕ лигъдӕтты, кӕцытӕ ӕрцардысты Гуырдзыстоны - уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты САР архайгӕ президент Башар Асады ныхмӕ ӕмӕ тох кодтой оппозицион тыхыт фарс.

Шираны хъуыдымӕ гӕсгӕ, террористон тас ма Хуссар Ирӕн хӕссынц Гуырдзыстоны Панкиссы комы цӕрджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон сты радикалон пысылмон динӕн табугӕнджытӕ ӕмӕ активонӕй цыдысты "ИГИЛ"-ы рӕнхъытӕм Сиримӕ.

Уый банысан кодта, террористон тасы ныхмӕ ХУссар Ирыстоны спецлужбӕтӕ ӕнгомӕй кӕй кусынц Уӕрӕейы Федералон ӕдасдзинады службӕимӕ дыууӕварсон бадзырды фӕлгӕтты.

Терроризмы ныхмӕ тохы та иууыл ахсджиагдӕрыл Ширан нымайы паддзахадон арӕны фӕтыхджындӕргонд хъахъхъӕнынад ӕмӕ йӕ техникон хӕрзарӕзт.