Фæлдурæджджын зымæг: Хуссар Иры УУМ радзырдтой республикæйы зынгирвæзттыл

Хуссар Иры УУМ зынгфæдисонтæ абон ногæй бавнæлдтой микрорайон "Хурзæрин"-мæ хæстæг арт хуыссын кæнынмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Иры уæлвæткон уавæрты зынгфæдисон-ирвæзынгæнæн хæйттæ ахуыссын кодтой цалдæр ссыгъды фæстаг суткæты. Sputnik уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза Тедеева загъта, кæд зынгирвæзты нымæц уыд бирæ, уæддæр кусджытæн бантыст арт ахуыссын кæнын.

"Зынгирвæзттæ уыд республикæйы алкæцы районы дæр. Зынгфæдисонтæ Ленингоры районы цæрæн пункттæ Канчабет, Раздахæн, Цолд, Знауыры районы хъæу Схлиты æмæ Цхинвалы районы Къусрет, Прис, æмæ Стыркомы хъæуты", - загъта Тедеты Роза.

Уый ма бамбарын кодта, зынгфæдисонтæ боны дæргъы архайдтой микрорайон "Хурзæрин"-мæ хæстæг арт ахуыссын кæнын.

"Хъæдгæрон ссыгъдысты къутæртæ. Сæрмагонд техникæйæн йæ бон нæу бацæуын бынатмæ. Зынгфæдисонтæ сахаты бæрц фистæгæй бахъуыд цæуын зынгсирвæзты бынатмæ. Ӕдæппæтæй архайдта дыууæ къорды, се 'сконды 25 адæймаджы", - загъта пресс-секретарь.

Цыппæрæмы зынгфæдисонтæ ногæй бавнæлдтой арт хуыссын кæнынмæ.