ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры сидзæр сывæллæттæн Ног азы агъоммæ ацыд хæрзаудæн акци. Скъоладзаутæ райстой ногазон тыхтонтæ адджинæгтимæ, дарæс æмæ техникæ. Акци аххæссыд 91 сывæллоныл, уыдонæй 21 сты бынтон сидзæртæ.
Сидзæр сывæллæтты ногазон бæллицтæ сæххæст кæныны бæрн йæхимæ райста Ӕхсæнадæмон хыгъдон банк.
"Ахуырады министрад нын бавдыста номхыгъд 91 сидзæр сывæллонæй, уыдонæй 21 сты бынтон сидзæртæ – нæй сын мад æмæ фыд дæр. Куыд хистæр сты сывæллæттæ, афтæ сæ хæрдзты бюджет у бæрзонддæр. Бынтон сидзæр сывæллæттæн ноджы фылæр балхæдтам, уыдонæн самал кодтам хæдзармæ техникæ дæр", - загъта Ӕхсæнадæмон хыгъдон банкы хистæр Вадим Шадян.
Хæрзаудæн мадзал цæуы цалдæр боны дæргъы, фыццаг уал йæ архайджытæ ссисты, мад æмæ фыд кæмæн нæй, ахæм сывæллæттæ, абон та сæ бæллицты фæдыл æрцыдысты Знауыры районы сабитæ.
Цыппæрæмы Цхинвалы стырдæр дуканитæй иуы ауындзæнты хсæн ныппырх сты Знауыры районæй сывæллæттæ, дзабыр æмæ дарæс сæхицæн æвзаргæйæ. Плиты Денис фыццаг равзæрста къахдарæс, стæй ма бахатыд хъазæн поезд дæр самал кæнынмæ. Мугуттаг лæппу Кокойты Вадим та равзæрста спортивон дзабыртæ, кæд ын æнхъардтой хъармдæр къахдарæс, уæддæр.
"Кросовкæтæ равзæрстон, уыдон мидæг хъуамæ ацæуон хæдзармæ", - загъта лæппу.
Хæрзгæнджытæ сæ хъуыддаг балхынцъ кæндзысты майрæмбоны - уæд Цхинвалмæ фæуазæг уыдзысты сабитæ аннæ районтæй дæр.
Æппæт сывæллæттæ дæр дарæсæй дарддæр райстой егъау тыхтонтæ адджинæгтимæ.