Хуссар Иры президент сӕххӕст кодта сывӕллӕтты ногазон бӕллицтӕ

Паддзахады сӕргълӕууӕг радта сывӕллӕттӕн лӕвӕрттӕ хӕрзаудӕн акцийы фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Акци "Бӕллицты фонтан"-ы фӕлгӕтты, кӕцы уагъд цӕуы паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы къухдариуӕгады бын, президент Бибылты Анатолий сӕххӕст кодта цыппар сывӕллоны ногазон бӕллицтӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг сын майрӕмбоны радта сӕ лӕвӕрттӕ: велосипедтӕ, музыкалон инструмент-синтезатор, акцийы иууыл хистӕрдӕр хайадисӕг, Джанайты Азӕмӕтӕн та конфетты голлаг, радзырдта президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Уый банысан кодта, Джанайты Азӕмӕт лӕвӕртты бӕсты ракуырдта президентӕй адджинӕгтӕ сывӕллӕттӕн – скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕн.

Бибылты Анатолий йын загъта бузныг ахӕм уӕздан къахдзӕфы тыххӕй ӕмӕ йӕ бафарста, цы лӕвар ӕй фӕнды райсын Ног азмӕ.

Хуссар Иры президент сӕххӕст кодта сывӕллӕтты ногазон бӕллицтӕ

Азӕмӕт басаст, кӕй йын ис бӕллиц – бацӕуын Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон университетмӕ. Президент ын дзырд радта, алцыдӕр кӕй сараздзӕн, цӕмӕй йын баххуыс кӕна бацӕуын ацы ахуыргӕнӕндонмӕ.

Афтӕ ма Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн ӕрбалӕугӕ Ног азы цытӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, ӕнтыстытӕ ӕмӕ хӕрзӕбон.

Акци "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. Проект уагъд цӕуы сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕн. Афтӕ ма акцийы хайад исынц ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ.

Мадзалы кӕрон нывгӕнӕг Битеты Алан, кӕцы хайад иста бӕрӕгбонон мадзалы, балӕвар кодта Бибылты Анатолийӕн авторон къухфыстимӕ ныв.