Удæгас Къоста: Хуссар Иры театры ацыд музыкалон-литературон композицийы премьерæ

Хетæгкаты Къостайы цардыл æвæрд спектаклы премьерæ снысан кодтой 29 декабрьмæ, раст иу азы размæ ацы бон Хуссар Иры расидтысты генийы азæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры паддзахадон драмон театры труппæ бавдыста уæрæсейаг режиссеры цæстæнгасæй музыкалон-литературон композици "Къоста". Дыууæ сахаты æмгъуыдмæ Ирыстоны иууыл зындгонддæр гоймаг æрлæууыд удæгасæй – Къоста низæфхæрд, фæлæ æнæсаст, Къоста йæ адæмы бартыл тохгæнæг æмæ Къоста уарзондзинады амынæты.

Удæгас Къоста: Хуссар Иры театры ацыд музыкалон-литературон композицийы премьерæ

Хетæгкаты Къостайы цардыл æвæрд спектаклы премьерæ снысан кодтой 29 декабрьмæ, раст иу азы размæ ацы бон Хуссар Иры расидтысты генийы азæй.

"Театр хæссы Хетæгкаты Къостайы ном æмæ мах нæ хæсыл банымадтам йæ уацымысмæ гæсгæ спектакль "Фатима" бацæттæ кæнын, равдыстам æй ацы аз февралы. Абон та мах генийы аз балхынцъ кодтам музыкалон-литературон композици "Къоста"- йæ", - загъта аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан.

Удæгас Къоста: Хуссар Иры театры ацыд музыкалон-литературон композицийы премьерæ

Равдыст райдыдта рынчындоны сценæйæ, поэты фæлгонцы æрæууыд Пæррæстаты Дмитрий, уый спектаклы æппæт рæстæг уыд сценæйыл. Къостайы уарзондзинады лини сæххæст кодта Куымæридтаты Батрадз. Гаглойты Артуры бæрны та уыд равдисын  сылгоймæгты гимназийы сæрыл Къостайы тох. Хицæн сценæты равдыстой Байаты Гаппойы архайд "Ирон фæндыр"-ы рауадзыны хъуыддаджы, инæлар Кахановы фæдылдзу Къостайы фæдыл, йæ хо Олгъа æмæ йæ уарзон сылоймæг Анна Попова.

Премьерæмæ æрбацыдысты республикæйы къухдагиуæгад дæр президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

"Мах федтам Къостайы уæззау хъысмæт æмæ æмрæстæджы дзырддзæугæ лæджы цардвæндаг. Къостайы цытæн азы дæргъы бирæнымæц мадзæлттæ æвдисæн сты адæмон поэтмæ нæ ахастæн. Стыр бузныг зæгъын алкæмæн дæр, абон спекталы чи архайдта.  Режиссер дæр ссис ацы коллективы уæнг", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Музыкалон-литературон композици "Къоста"-йы режиссер Роман Габрия Хуссар Иры театры сценайы сæвæрдта ныр дыккаг спектакль, æрхонгæ специалист спектаклы кæрон æрцыд хорзæхджын - радтой йын Хуссар Иры культурæйы сгуыхт архайæджы ном.

Удæгас Къоста: Хуссар Иры театры ацыд музыкалон-литературон композицийы премьерæ

"Ӕз дæн режиссæр, кусын фæсаууон, зæгъæн ис, æз дæн профессионалон кæсæг. Ӕмдзæгъд æмæ бузныг, дыууæ къуыримæ ахæм ахадгæ спектакль цы къорд баццæттæ кодта, уыдонæн. Æз та лæггæд кæндзæн Хуссар Иры театрæн", - загъта режиссер.

Музыкæ æмæ рухс дæр спектаклы арæзтой æрхонгæ специалисттæ.

Удæгас Къоста: Хуссар Иры театры ацыд музыкалон-литературон композицийы премьерæ