ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри не ‘рцыд аваритӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадмӕ цӕстдарды рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 331 фӕткхалды. 11 шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл уагъд цӕуынц егъау рейдон мадзӕлттӕ. Республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕрмӕ сӕ цӕст дарынц Паддзахадон автоинспекцийы 135 кусӕджы патрулон постон-службӕ, криминалон милици ӕмӕ МХМ сӕрмагонд хайадты кусджытимӕ иумӕ.