Ӕвзонг оратор Ирыстонӕй ссис конкурс "Синяя Птица"-йы уӕлахиздзау

Шоуы зондамонӕг Владимир Соловьев куыд банысан кодта, афтӕмӕй Хынцӕгты Хетӕгӕн уыд диссаджы ралӕуд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Хынцӕгты Хетӕг Цӕгат Ирыстонӕй бахызт Ӕппӕтуӕрӕсейон телеуынынадон конкурс "Синяя Птица"-йы уӕлахиздзауты номхыгъдмӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Харебаты Марта хъахъхъӕндзӕн Иры кад вокалон конкурс "Ног стъалы – 2020"-ы

Хынцӕгты Сослан иттӕг хорз сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрд – йӕхи бавдыста Уӕрӕсейы президентӕй ӕмӕ ралӕууыд ногазон раныхасимӕ. Йӕ раныхасы ӕвзонг оратор ӕрсидт адӕммӕ ӕркӕсын рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ.

Шоуы зондамонӕг Владимир Соловьев куыд банысан кодта, афтӕмӕй Хынцӕгты Хетӕгӕн уыд диссаджы ралӕуд.

Афтӕ ма финалон рауагъды рӕстӕджы сценӕйыл ралӕууыд зарӕггӕнӕг Цӕгат Ирыстонӕй, "Синяя Птица"-йы сезонтӕй иуы уӕлахиздзау Сланты Тимур, уый сӕххӕст кодта зарӕг "Show must go on".