Концерттæ, равдысттæ æмæ президентимæ фæмбæлдтæ: куыд нысан кæндзысты Ног аз Хуссар Иры

Ногазон мадзæлтты иу хай ацыд, 'рбалæугæ аз ма уыдзæн концерттæ театралон фæзуатыл æмæ равдысттæ та Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры ногазон улæфт бонты столицæйы ацæудзæн ВИА "Мемориал"-ы концерт, банысан кæндзысты Цыппурс, ногазон бæрæгбæтты сæйраг фæзуат та суыдзæн Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.

Бæрæгбоны цытæн республикæйы 2020 райдайæны авд боны уыдзысты улæфтытæ. Ногазон нывæзтмæ гæсгæ, бæрæгбоны тæккæ къæсæрыл столицæйы театралон фæзуатыk æмбисæхсæв Цхинвалы культурæйы хайады тыхтæй райдайдзæн театралон равдыст "С новым годом, Республика".

Къуайсайы милици райста ног службӕйон транспорт президентӕй

Улæфт бонты ногазон иугъæдон цард барæсугъд кæндзæн Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Ам коллектив æмæ йæ ахуырдзаутæ сæ куыстмæ рахиздзысты 2 январæй, уæдæй райдайдзысты сæ ралæудтæ, æрвылбон дæтдзысты æртæ равдысты. Ӕртыккæгæм январы уагдоны ацæудзæн æрвылазон мадзал – "Президентская елка". Паддзахады разамонæгимæ фембæлддзысты райдайæн скъолайы хуыздæр 100 ахуырдзауы республикæйы алы къуымтæй. Уыцы бон ма кæстæр фæлтæры фæстæ президентимæ фембæлдзысты рауагъдон къласты ахуырдзаутæ. Ӕмткæй та ногазон равдысттæ аххæсдзысты 10 январьмæ. Уагдоны ма кусдзæн 2-10 январы планетарий дæр.

Культурайы министрады нывæзтмæ гæсгæ улæфт бонты кæройнаг мадзал суыдзæн концерт театралон фæзуатыл – 7 январы фондз сахатыл ацæудзæн ВИА "Мемориал"-ы концерт.