Джусойты Алан ссис Уӕрӕсейы Суперкубокы уӕлахиздзау "СКА-Нефтяник"-ы сконды

Уӕлахиздзау командӕйы сконды дыууӕ голы бакодта ирон хоккеист Джусойты Алан
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 янв - Sputnik. Джусойты Алан дыууӕ голы баххуыс кодтой "СКА-Нефтяник"-ӕн рамбулын Уӕрӕсейы Суперкубок пуртиимӕ хоккейӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Чызг æмæ дыууæ лæппуйы: Хуссар Иры æртæ спортсмены рамбылдтой Цæгат Иры чемпионат

Хабаровскы клуб рамбылдта мӕскуыйаг "Динамо"-йы 9:5 хыгъдӕй. Хъазты рӕстӕджы Джусойты Алан бакодта дыууӕ голы.

Афтӕмӕй "СКА-Нефтяник" цыппӕрӕм хатт ссис Уӕрӕсейы Суперкубокы уӕлахиздзау пуртиимӕ хоккейӕ. Уый размӕ "СКА-Нефтяник" рамбылдта Суперкубок 2015, 2017 ӕмӕ 2019 ӕзты.