Гергиты Валерий ауадздзӕн цалдӕр концерты Венӕйы

Январы маэстро ауадздзӕн цалдӕр ралӕуды Венӕйы паддзахадон оперӕйы - дунейы рагондӕр музыкалон центртӕй иуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв - Sputnik. Дирижер Гергиты Валерий ауадздзӕн цалдӕр концерты Венӕйаг филармонион оркестримӕ, хъусын кӕны Мариинаг театры пресс-службӕ.

Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта Гергиты Валерий æмæ Мариинаг оркестры

Спектакль "Лоэнгрин" 2014 азы Андреас Хомокийы ӕвӕрдӕй Венӕйаг оперӕйы Гегриты Валерий сӕххӕст кӕндзӕн 9, 12, 16 ӕмӕ 19-ӕм январы.

"Гергиты Валерий ӕмӕ Венӕйаг паддзахадон оперӕйы ӕмгуыстад кӕнынц ныр цалдӕр азы. Маэстройӕн бирӕ ралӕудтӕ уыд театры оркестримӕ гастролон турты", - нысан цӕуы хъусинаджы.

Венӕйы концертон серийы фӕлгӕтты ма Гергиты Валерий ауадздзӕн ралӕудтӕ Венӕйаг филармонион оркестримӕ 10, 11 ӕмӕ12 -ӕм январы Музикферайны Сыгъзӕрин залы, 14-ӕм январы та Концертхаусы Стыр залы. Концерты айзӕлдзысты уӕрӕсейаг композиторты уацмыстӕ.

Венӕйаг мадзӕлтты фӕстӕ маэстро адарддӕр кӕндзӕн йӕ гастрольтӕ Европӕйы.