Иу уæладзыг бæрзонддæр: Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ

Куыстытæ цæудзысты 2020 азы, столицæ ахуырадон уагдонæн ног бæстыхай райсдзæн 2021 азы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы бавнæлдтой горæты æртыккæгæм астæуккаг скъолайы арæзтадмæ. Социалон объект йæ раздæры асæй ссæудзæн иу уæладзыг бæрзонддæр, фехъусын кодтой Sputnik Арæзтадон министрады пресс-службæйы.

Куыстытæ цæудзысты 2020 азы, столицæ ахуырадон уагдонæн ног бæстыхай райсдзæн 2021 азы.

"Уыдзæн 200 ахуырдзауыл нымад æртæуæладзыгон бæстыхай. Йæ æддаг бакаст уыдзæн зæронд бæстыхайы æнгæс, фæлæ уыимæ иумæ цæмæй йæ сыхаг университет æмæ горæты архитектурæимæ быцæуа ма цæуа, афтæ йæ сараздзысты", - загътой пресс-службæйы.

Ныридæгæн зæронд бæстыхай æрцыд хафт, йæ бынаты змæлы арæзтадон техникæ.

Ӕртыккæгæм скъолайы бæстыхайы арæзтадæн Инвестицион нывæзтмæ гæсгæ хицæн æрцыд 200 милуан сомæй фылдæр. Уый уыд зæронддæр бæстыхæйттæй сæ иу, арæзт æрцыд ивгъуыд æнусты 30-æм æзты, экспертты хъуыдымæ гæсгæ нымад цыд аварионыл.