Хъӕрджынты Андрейы экипаж ссис ралли "Дакар-2020"-ы лидер

Ралли-марафон "Дакар" уагъд цӕуы Саудон Аравийы. Цыппӕрӕм этап, кӕцыйы дӕргъ уыд 453 километры, ацыд ӕртыццӕджы Неом – Эль-Ула маршрутыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Ралли-марафон "Дакар-2020"-ы цыппӕрӕм этапы фӕстӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕты хсӕн Хъӕрджынты Андрейы экипаж уӕрӕсейаг командӕ "КАМАЗ-Мастер"-ӕй слӕууыд иумӕйаг номхыгъды сӕргъ, хъусын кӕны РИА Новости.

Джусойты Алан ссис Уӕрӕсейы Суперкубокы уӕлахиздзау "СКА-Нефтяник"-ы сконды

Ралли-марафон "Дакар" уагъд цӕуы Саудон Аравийы. Цыппӕрӕм этап, кӕцыйы дӕргъ уыд 453 километры, ацыд ӕртыццӕджы Неом – Эль-Ула маршрутыл. Иумӕйаг номхыгъды Хъӕрджынты Андрей схызт фыццаг бынатмӕ, 10 минут ӕмӕ 43 секунды фӕразӕй ис белорусаг Сергей Вязовичӕй ("МАЗ-СПОРТавто").

"Бон рауад уӕззау ӕмӕ даргъ. Тынг бирӕ дуртӕ дзы уыд. Сӕйраджыдӕр фӕстаг 50 километры, мӕ карьерӕйы мыл ахӕм стыр дуртӕ никуы сӕмбӕлд", - банысан кодта Хъӕрджынты Андрей.

Фӕндзӕм этап ацӕудзӕн цыппӕрӕмы Эль-Ула – Хаиль маршрутыл.