Хуссар Иры премьер-министр бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын ногарӕзт уынгты хӕрзарӕзтад

2020 азы фыццаг мӕйы кӕронмӕ сӕвӕрдзысты фӕндагон нысӕнттӕ ӕмӕ светофортӕ, уынгты зӕлдфӕлындын сӕххӕст кӕнынӕн фадат уыдзӕн ӕрмӕстдӕр уалдзӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик бахӕс кодта арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуардӕн балхынцъ кӕнын горӕты ногарӕзт уынгты хӕрзарӕзтад.

Иу уæладзыг бæрзонддæр: Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ

"Дзырд цӕуы горӕты аст уынгыл, кӕцыты арӕзтад балхынцъ ис ивгъуыд азы кӕрӕтты. Фӕлӕ уым нырма ӕвӕрд не сты фӕндагон нысӕнттӕ ӕмӕ светофортӕ", - радзырдтой Sputnik хицауады пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр хицауады банысан кодтой, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ ныридӕгӕн балхӕдтой, ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты барлӕвӕрдӕй фӕндагон нысӕнттӕ ӕмӕ светофортӕ сӕвӕрдзысты ног уынгтыл.

Ӕмгъуыдмӕ гӕсгӕ, уынгты хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн ацы мӕйы кӕрӕттӕм. Уынгты зӕлдфӕлындын сӕххӕст кӕнынӕн фадат уыдзӕн ӕрмӕстдӕр уалдзӕджы.